Сайты тыххæй

Ацы сайт арæзт у уый тыххæй æмæ, мах, ирон адæм, æввахсдæр базонгæ уæм нæ бæрæгбонтимæ интернеты уылты дæр. Cтыр куыст æрцыди чиныг гæххæттæй электронон хузмæ ракæндыл, фæлæ дзы кæд исты граматикон рæдыдтытæ ссарат, уæд, уæ хорзæхæй, зæгъут-иу æй, алкуы дæр дзы бынæй ис ныхасæппарæнтæ бафыссæн, кæннод та ныффыссут электронон асыккмæ (email@baragbonta.ru) – табуафси…
* * *
Сайты материал ист у Цыбырты Людвиджы чиныгæй – Ирон Адæмон Бæрæгбонтæ.
Цыбырты Алексейы фырт Людвиг райгуырдис 19 ноябры 1932 азы Цхинвалы, Хуссар Ирыстоны автономон облæсты. 1993-йæ уыдис Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы Сæрдар, уый фæстæ та сси Хуссар Ирыстоны фыццаг президент (1996–2001).
1978-æм азæй — историон зонæдты доктор. Афтæ ма куыста Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты ректорæй дæр.
Уый стыр куыст бакодта ирон æвзонг фæлтæры хъомылады æмæ Ирыстоны зонад ратынггæныны хъуыддаджы. Рауагъта 160 зонадон куыстæй фылдæр.
Каст æрцыд 46092 хатты 10244 æрбацæуæгæй